РЦИ-Аланийы центрон æвзарæн къамис скодта æвзæрстыты рагагъоммæйы хатдзæгтæ
Дзæуджыхъæуы, Хъæлæскæныны иумæйаг бон бацархайдой, цæрджыты 49 æнæхъæн æмæ 13 сæдæм проценты. Уый тыххæй журналисттимæ фембæлды рæстæг фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдары хæдивæг Хъуыдаккаты Сослæнбег. Горæты цæрджытæ æвзæрстой Дзæуджыхъæуы æмбырды минæвæртты. Нысангонд 32 бынаты 16 сты иумандатон. Иннæ 16-мæ та æвзæрстой партитæм гæсгæ. Афтæмæй, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ райстой 7 мандаты. «Уæрæсейы Патриоттæ» æмæ «Комунистон Парти» - 3 мандаты. Партитæ «Родинæ», «ЛДПР» æмæ «Справедливая Россия», зæгъгæ - иугæйттæ. Иу мандатон зылдты «Иугонд Уæрæсе» бацахста 13 бынаты. «Уæрæсейы Патриоттæ» æмæ «Родина» иугæйттæ. Иу бынат ма ис хи хъæппæрисджын адæймаг Тыбылты Ибрагиммæ. Афтæмæй рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 32 мандатæй - 20 райста «Иугонд Уæрæсе». Æвзæрстытæ ма цыдысты республикæйы 3 районы - Дыгуры, Æрæфы æмæ Мæздæджы. Хъуыдаккаты Сослæнбеджы ныхæстæм гæсгæ, æмткæй райсгæйæ, схъæлæс кодтой цæрджыты 44 проценты. Дыгуры районы æвзæрстой Дигорайы сæргълæууæджы. Уый сси Коцкиты Эльбрус. Æрæфы районы снысан кодтой Цыколайы сæргълæууæджы. Ныр уый уыдзæн Саккаты Артур. Хæзыдоны та Бетрозты Зауыр. Цыкола æмæ Стыр Дыгурыма æвзæрстой бынæттон депуттаты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм знон райсомы 8 сахатæй Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты кусын райдыдтой 145 æвзарæн хайады. 14 дзы уыдысты рæстæгмæ чи куыста, ахæмтæ. Хъæлæсгæнджытæн сарæзтой æппæт хъæугæ уавæртæ. Пресс-конференцийы кæронбæттæны Хъуыдаккаты Сослæнбег радзырдта æвзæрстыты рæстæг, цалдæр закъонхæлды кæй сбæрæг кодтой. Æмткæй райсгæйæ хъæлæсгæнæн бон ацыд æнæ къуылымпытæй æмæ фæткмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv