Добавить
Уведомления

Спартакиадæйы ирддæр ныхмæлæудтæй иу - бæндæнивазæн

Спартакиадæйы ирддæр ныхмæлæудтæй иу - бæндæнивазæн. Тох кæнынц Горæтгæрон æмæ Алагиры районты спортсментæ. Тыхджындæртæ рабæрæг вæййынц цалдæр минутмæ. Ацы хъазты ахсджиагдæр сты раст æмæ иумæйаг архайд. Зынæй дзы ницы ис, фæлæ уый фыццаг бакастæй. Спортсментæн сæ фылдæр фыццаг хатт нæ архайынц спартакиадæйы. Ацы аз дзы сæ арæхстдзинад равдыстой 7 командæйы. Куыд нæ республикæйы районтæ, афтæ сыхаг республикæтæ, æмæ ма суанг Саратовы облæстæй дæр. Сæ кар 18 азæй 24 азы онг. Мас-рестлинг, къуххæст, эстафетæ, бæндæн ивазæн, футбол. ОФициалон æгъдауæй снысан кодтой спорты 3 хуызы, фæлæ архайджыты курдиатмæ гæсгæ ма сæм бафтыдтой ноджы иу уый бæрц. "Сабырдзинад æмæ хæлардзинады эстафетæ" рагæй сси æрвылазон. Аразынц æй ныр 15-æм хатт. Ерыстæ байгом кодта доулистты къорд, стадионы зæлыдысты патриотон зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ. Уазджытæн раарфæ кодта республикæйы парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Æрвылаз Хæзныдон æрбангом кæны алы адæмыхатты æмæ конфесситы. Уый та у мадзалы сæйраг нысан. Фæсивæды спорт æмæ æнæниз цардуагмæ æмхиц кæнын. Мадзалы бацархайдта республикæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциаци. Æдæппæтæй та форумы уыд 700 адæймагæй фылдæр. Бацæттæ сын кодтой бæрæгбоны сихор, чысыл фалдæр та уыд пысылмон дзауматимæ армукъа. Спартакиадæ сарæзтой Цæгат Ирыстоны пысылмæтты монон управлени, национ ахастдзинæдты фарсататы фæдыл министрады æххуысæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 228 подписчиков
12+
38 просмотров
4 месяца назад

, чтобы оставлять комментарии