Манежы ацыд спартакиада хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн
Тыхтæ сæмбырд кæнын æмæ мысан акъуырын. Уый тыххæй та хъæуы рæстдзæвин уæвын. Спортсментæ аст дисциплинæйы æвдисынц хорз цæттæдзинад. Сывæллæтты хъæзтытимæ сæ чи абара, ахæмтæ разындзæн, фæлæ стыр фæразондзинад хъæуы, цæмæй раст æхсын сахуыр уай. Иу фæзыл профессионалтæ æмæ спорт уарзджытæ. Уæлахиздзау та суыдзæн иумæйаг хыгъды фылдæр баллтæ цы командæйæн уа, уый. Сергей Вадимовы уарзон дисциплинæ у кард æхсын, ныридæгæн райста цалдæр майданы. Ацы ерыстæ йын фыццаг не сты, спартакиадæмæ йæ фæхуыдта "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ" фонд. Куыд зæгъы, афтæмæй ам ис ног хæлæртты 'ссарæн æмæ ерыс кæнæн. Спортсменты 'хсæн, æнæмæнг, хæлар ахæстдзинæдтæ. Чидæр æрбацыд хи ног здæхты бафæлварынмæ æмæ уарзон хъуыддаджы практикæ ацæуынмæ, кæйдæр та равдисын фæнды "цудыд æнæниздзинад" ныхас гæрæнтæ кæй нæ æвæры, уый. Ам алчидæр тырны майдантæ æмæ кубоктæ райсынмæ, сæ сæйраг ерыс та ныридæгæн рамбылдтой. Мадзаларазджытæ - фонд "Быть добру" æмæ "Иугонд Уæрæсе". Ерыстæ ацыдысты фæлварæны хуызы, фидæны та фæнд кæнынц дисциплинæты хыгъдыл бафтауын æмæ фылдæр архайджыты æрбангом кæнын. Спартакиадæ — хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн у хорз гæнæн уарзон хъуыддаджы хи бафæлварынæн.