РЦИ-Аланийы хатдзæгтæ скодтой æнæнхъæлæджы уавæртæ ма 'руадзыны æмæ иуварс кæныны системæйы куыстæн
Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой æнæнхъæлæджы уавæртæ ма ‘руадзыны æмæ иуварс кæныны системæйы куыстæн 2022 азмæ. Нысангонд æрцыдысты фидæны азы мадзæлттæ дæр. Сæрмагонд æмбырд амыдта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Афæдзы дæргъы системæйы тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕй бакуыстой 60 цауӕй фылдӕрыл. Алы цауы фӕдыл дӕр ирвæзынгæнæг дæлхайæдтæ бацархайдтой ӕххӕстӕй. Рацыдысты 700 фæндаггон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ, стæй 1198 зынгсирвæзтмæ. Арæзт æрцыд 800 аварион-ирвæзынгæнæн æмæ 150 агурæн-ирвæзынгæнæн куыстæй фылдæр.