Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæдтулгæты æппæт хуызтæн, Транскам 15_00 сахатæй фæстæмæ у гом
Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийæ. Фæндаг сæхгæныны уынаффæ рахастой, Гуырдзыстоны рдыгæй зæххлæбырдтытæ æрцыд, уый тыххæй. Цалынмæ сæ нæ иуварс кæной, уæдмæ дзы сæвæрдтой 2 хъармгæнæн пункты, бацымæн дзы ис тæвд цай. Ацы трассæ Уæрæсе бæтты Фæсквказимæ, уымæ гæсгæ машинæты нымæц дæр чысыл нæу. 200 уæзласæн хæдтулгæйы æмæ 350 рог машинæйы ныртæккæ лæууынц арæныл. Транскамы фæндаг та ныртæууæ у гом. Къæвдаты аххосæй цæугæдæтты æмвæзад кæй схызт, уый тыххæй республикæйы кусы 15 гидропосты. Уавæр бæрæггонд цæуы æппынæдзух. Цæрæгджын бынӕттӕн тæссаг ницæмæй у. Ныртæккæ фæндаг дарддæр сыгъдæг кæнынц цъыфзæй æмæ дуртæй.