В Осетии празднуют один из самых главных праздников — Джеоргуыба
Джеоргуыбайы къуырийы дӕргъы ирон адӕм кувынц ӕмӕ курынц ӕппӕты ахсджиагдӕр — æнæниздзинад, адæмы ‘хсæн сабырдзинад ӕмӕ фарн. Уæлдай зæрдиагдæрæй нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг Уастырджийæ курынц, цæмæй ахуысс кæна хæсты быдыры цы фæсивæд и, уыдонæн. Уыцы зӕрдӕбын куывдтыты ис ныфс, дзуӕрттӕ курдиӕттӕ кӕй фехъусдзысты ӕмӕ цын зын сахат кӕй баххуыс кӕндзысты, уымӕй. Джызӕлы, куыд бирæ æндар ирон хъæуты, афтæ ис Лæгты дзуары кувæндон. Фæлæ уцы бынат хуымæтæджы æвзæрст не 'рцыд. Бынӕттон таурӕгъмӕ гӕсгӕ, ахсæвдалынгты лæгтæ арт скодтой æмæ сæ разы æрлæууыд æнæзонгæ фæндаггон. Боны цъæхтæм семæ фæбадт, хуцаумæ фæкуывта, фæлæ райсомæрдæм уæларвмæ сфардæг. Уæд æй бамбæрстой, уый хуымæтæг лæг кæй нæ уыд. Афтæмæй уыцы бынаты сывзæрд Уастырджийы кувæндон. Доййаты хӕдзары бæрæгбон райдыдта галæргæвдæн хуыцаубоны. Иу урс гал бинонты хистæр снывонд кодта æмæ куыд æмбæлы афтæмæй хуыцаумæ скуывтой, цæмæй цын сæ амæттаг сыгъдæгæй айса.