Адæмон кафты ансамбль "Хохаг" сыздæхт Туркæй, уыдысты гастрольты.
Æрвылбон концерттæ, алыхуызон горæтты парадтæ, сæ сæргълæуджытимæ фембæлдтытæ æмæ бынæттон цæрджытимæ хуызистытæ. Адæмон кафты ансамбль "Хохаг" сыздæхт Туркæй, уыдысты гастрольты. Аивадуарзджытæн сфæлдыстадон къорд равдыста ирон кафты хæзнатæ "Симд" æмæ "Хонгæ". Уыимæ ма, адæм базонгæ сты хъаматимæ, алайнаг, аджайраг æмæ азербайджайнаг кæфтытимæ. Программæйы ма уыд равдыст "Авд хъæбатыры" дæр. Хохæгты курдиатæн, фæсарæйнаг авивадуарзджытæ стыр аргъ скодтой. Фестивалы архайд цыд горæттæ Ризе æмæ Трабзон. Уымæй уæлдай ма, Хæххон аграрон университеты сутденткæтæ Æлборты Даянæ æмæ БорЫхъуаты Каринæйы фæнысан кодтой аивдæр уæлæдарæсы конкурсы. Лæппутæ та хуыздæртæ разындысты рафтингы. Ныридæгæн ансамбль æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсы ног фæсивæдмæ.